9 Амар ӕй! Фыццаг цӕф ыл дӕхи къухӕй ӕрцӕуӕд, уый фӕстӕ та йӕ цӕвӕнт иннӕ адӕм!
«Уыцы фауӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракӕн. Чидӕриддӕр ӕй фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт ӕмӕ йӕ адӕм дурты бын фӕкӕнӕнт.
Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.
«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.
Куы нал ӕмӕ Йӕ куынӕуал уагътой, уӕд сӕм скаст ӕмӕ сын загъта: «Ӕнӕтӕригъӕд уӕ чи у, уый йыл дур фыццаг фехсӕд».
Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.
Уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг та маринаг у — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Мысырӕй уӕ Чи ракодта ӕмӕ уӕ цагъарадӕй Чи фервӕзын кодта, Уый ныхмӕ кӕй ралӕууыд ӕмӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндагӕй иуварс кӕй здӕхта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!
уӕд, дӕ цӕст дӕр ма фӕныкъул, афтӕмӕй йын йӕ къух атӕхын кӕн.
Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.