8 ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.
Мӕ разы дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.
Мӕ лӕппу! Тӕригъӕдджынтӕ дӕ сӕ фӕдыл куы сайой, уӕд-иу сын ды ма баком.
Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — де ’лгъаг гуымирытӕй ӕмӕ де ’ппӕт ӕнаккаг митӕй Мын Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз ӕрӕлхъивдзынӕн, Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн.
зӕххы цъарыл дӕм дард кӕнӕ ӕввахс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн, —
Ма йын батӕригъӕд кӕнут! Ӕнаххос туг ныккалыны азарӕй бахизут Израилы, ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзыстут.
Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.
Нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн, ӕрӕджы чи фӕзындис ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы гуымирытӕн хастой.
Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.
Мӕ хуртӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕй.
Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой.