7 зӕххы цъарыл дӕм дард кӕнӕ ӕввахс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн, —
Ахазиа дӕр Ахавы мыггаджы фӕндагыл цыди, уымӕн ӕмӕ йын уынаффӕгӕнӕг уыдис йӕ мад, ӕнӕхуыцау митыл ӕй ардыдта.
Сӕ устытӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй судзынц, уый цы нӕлгоймӕгтӕ зыдтой, стӕй, уыцы ран цы сылгоймӕгтӕ лӕууыдысты, уыдон ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, мысыраг Патросы цӕрджытӕ, Йеремиайӕн дзуапп радтой:
Загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Адӕмы хицӕутты се ’ппӕты дӕр Дунедарӕджы раз хурмӕ байтындз, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзӕн Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм».
Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,
ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.
Уӕ алыварс адӕмты хуыцӕуттӕй макӕй фӕдыл цӕут!
Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».