Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг та маринаг у — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Мысырӕй уӕ Чи ракодта ӕмӕ уӕ цагъарадӕй Чи фервӕзын кодта, Уый ныхмӕ кӕй ралӕууыд ӕмӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндагӕй иуварс кӕй здӕхта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 13:5
34 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ уӕд уый йемӕ раздӕхт ӕмӕ йын йӕ хӕдзары хӕргӕ дӕр бакодта ӕмӕ нуазгӕ дӕр.


Илийа сын загъта: «Баалы пехуымпарты ӕрцахсут, иу дӕр сӕ куыннӕ аирвӕза, афтӕ». Ӕрцахстой сӕ, ӕмӕ сӕ Илийа Кишоны мӕсчъы донмӕ акодта ӕмӕ сӕ уым амарын кодта.


Уый фӕстӕ паддзах йӕ бынаты ӕрлӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы раз сфидар кодта фидыд: Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн, зӕрдиагӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ Йын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ, стӕй, Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз сӕ нӕ арвыстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй афтӕ цы пехуымпартӕ зӕгъынц, ацы зӕххыл нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг уыдзӕни, зӕгъгӕ, уыдон сӕхӕдӕг кард ӕмӕ стонгӕй амӕлдзысты.


уый тыххӕй Дунедарӕг зӕгъы: Ӕз нехеламаг Шемайайӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕстагӕтты дӕр бафхӕрдзынӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕй уыцы адӕмы ’хсӕн ничи цӕрдзӕн, ӕмӕ, Мӕ адӕмӕн цы хорзӕх ратдзынӕн, уый Шемайа нӕ фендзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдта».


Мӕ адӕм сдзӕгъӕл сты фыстау, сӕ фыййӕуттӕ сӕ раст фӕндагӕй аздӕхтой ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кодтой. Хӕхтыл ӕмӕ къуыбыртыл адзӕгъӕл сты, сӕ цӕрӕнбынат сӕ ферох ис.


Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“.


Ӕмӕ, исчи пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ, зӕгъдзысты: «Ды хъуамӕ мард ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй хъусын кӕныс мӕнг ныхӕстӕ». Ӕмӕ, пехуымпариуӕг кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ амардзысты йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ.


Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Елима дӕр, ома кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.


Фӕлӕ уырнджытӕн сымах тӕрхон цӕуылнӕ кӕнут? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Фӕсурут уе ’хсӕнӕй хӕлд адӕймаджы!».


Дурты бын ӕй фӕкӕнут, куыд амӕла, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ уый ардыдта Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уацарӕй уӕ Чи ракодта Мысырӕй, Уый ныууадзыныл.


уӕд сахары ӕппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъд, ӕгас сахар ӕлгъыстаг фӕкӕн, ӕд ис, ӕд бис, суанг фосы дӕр-иу карды амӕттаг бакӕн.


Амар ӕй! Фыццаг цӕф ыл дӕхи къухӕй ӕрцӕуӕд, уый фӕстӕ та йӕ цӕвӕнт иннӕ адӕм!


уӕд уыцы адӕймаджы, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут.


Сӕ къух ӕм хъуамӕ фыццаг ӕвдисӕнтӕ сисой, уый фӕстӕ та — адӕм. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.


уӕд ын, йе ’фсымӕрӕн цы бакӕнынмӕ хъавыд, уый йӕхицӕн бакӕнут. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


уӕд сӕ дыууӕйы дӕр сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут: чызджы, сахары уӕвгӕйӕ, фӕдис, зӕгъгӕ, кӕй нӕ ныхъхъӕр кодта, уый тыххӕй, нӕлгоймаджы та, кӕйдӕр усаджы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Исчи йе ’фсымӕртӕй, израилӕгтӕй, искӕй куы адава, йӕхицӕн дзы цагъар куы скӕна кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, ӕмӕ уый куы сбӕрӕг уа, уӕд уыцы адӕймагӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй: фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Мӕ хъыджы сахат дзы нӕ бахордтон, фӕчъизи дӕн, афтӕмӕй йӕ нӕ рахицӕн кодтон, мардӕн дзы рухсаг нӕ загътон. Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъуыстон, алцӕмӕй дӕр Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон.


Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.


уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй уӕ фырттӕ Мӕныл суӕлӕхох уыдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ фесафынмӕ фӕстиат нӕ фӕкӕндзӕн.


Фӕлтау ӕнувыд ут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ныронг Ыл куыд ӕнувыд уыдыстут, афтӕ.


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


Гевӕйы фыдгӕнджыты нын раттут, ӕмӕ сӕ амарӕм, цӕмӕй Израилы зӕххыл ӕлгъагӕй мацыуал баззайа!» Бениамины фӕдонтӕ се ’фсымӕрты, израилӕгты ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.


Дунедарӕгӕй куы тӕрсат, куы Йын куват, Йӕ коммӕ куы кӕсат, Йӕ фӕндоны ныхмӕ куынӕ лӕууат, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ паддзах дӕр Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл куы цӕуат, уӕд Дунедарӕг уӕ ныхмӕ нӕ рацӕудзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ