Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 13:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куы хъусай, абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 13:18
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!


Ӕз рагӕй цӕрын, сабыр цард ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ’хсӕн.


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Мӕнмӕ «Хицау! Хицау!» чи дзуры, уыдонӕй алчи Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕни, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый.


Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.


Ма йӕ бахӕр ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон уыдзысты.


Лӕмбынӕг ӕрбайхъус ӕмӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕн, кӕй дын фӕдзӕхсын, ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр ӕнӕмаст уой, Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхцон ӕмӕ фӕндон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.


Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.


Мацы баззайӕд дӕ къухы уыцы ӕлгъыстаг фӕллойӕ, цӕмӕй дӕм Дунедарӕгӕн Йӕ маст ма ссудза, Йӕ хорзӕх дын ратта ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ мыггаг сбирӕ кӕна.


Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, байзӕддаг стут ӕмӕ сау дарыны нысанӕн ма лыгтӕ кӕнут уӕ буар, уӕ ныхы сӕрмӕ булкъдаст ма кӕнут уӕ хил.


Ӕлгъаг дзаума ма бахӕссут уӕ хӕдзармӕ, науӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут йемӕ; ахӕм дзауматӕй уӕхи хизут, ӕлгъ сыл кӕнут — ӕлгъыстаг сты уыдон.


Сӕ уӕлӕ сын дурты кӕри самадтой. Ууыл Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыди. Уыцы бынат та абон дӕр ма хуыйны «Ахоры дӕлвӕз».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ