1 Дӕ адӕмы ’хсӕн пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг куы фӕзына ӕмӕ дын исты ӕвдисӕйнаг кӕнӕ диссаг куы равдиса,
Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ». Асайдта йӕ,
ӕмӕ уӕд уый йемӕ раздӕхт ӕмӕ йын йӕ хӕдзары хӕргӕ дӕр бакодта ӕмӕ нуазгӕ дӕр.
Йӕ ныхӕстӕм ын мацы бафтау, науӕд дӕ фӕзылынджын кӕндзӕн, ӕмӕ сайӕгой разындзынӕ.
адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ сӕ дзырддзӕугӕтӕ — сӕр, мӕнгпехуымпартӕ — дымӕг.
сауджынӕй, пехуымпарӕй — цӕстмӕхъустӕ. «Суанг сын Мӕ Хӕдзары дӕр сӕ фыдракӕндтӕ уынын, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ма хъусут пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм, фынтӕ ’взарджытӕм, кӕлӕнгӕнджытӕм ӕмӕ стъалыдӕснытӕм. Уыдон уын дзурынц, вавилойнаг паддзахӕн лӕггад нӕ кӕндзыстут, зӕгъгӕ.
Нехеламаг Шемайайӕн афтӕ зӕгъ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй: «Ды дӕхи фӕндонӕй ӕгас Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сауджын Софониамӕ, Маасеайы фыртмӕ, стӕй иннӕ сауджынтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фыстӕджытӕ фервыстай. Дӕ фыстӕджы фыстай:
„Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ ’взарджытӕм ма хъусут.
Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ.
уый тыххӕй сымах уӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ нал уындзыстут ӕмӕ пехуымпариуӕг нал кӕндзыстут. Мӕ адӕмы уын Ӕз уӕ къухтӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй.
Уыцы бон ахӕм пехуымпартӕ, цы цӕстылуайӕнты кой кодтой, уыдонӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты ӕмӕ адӕмы сайынӕн сӕ уӕлӕ сӕхъис нал скӕндзысты.
Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.
Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой.
Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.
Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй гӕнӕн ӕмӕ амалӕй ӕвзӕрстыты дӕр асайой.
Сар уӕ сӕр, адӕм иууылдӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уӕд: ацы адӕмы фыдӕлтӕ дӕр мӕнгпехуымпартӕй афтӕ ӕппӕлыдысты.
Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.
Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.
Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон.
Фыдгӕнӕджы ӕрцыд сайтаны арӕзт хъуыддаг у, ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн алыхуызон бӕлвырд нысантӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгты руаджы.
Израилаг адӕмы ’хсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон семӕ ӕрхӕсдзысты мӕлӕтмӕ кӕнӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕрибар сын Чи ӕрхаста, уыцы Бардарӕгыл ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕты амӕттаг сӕхи бакӕндзысты.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.