Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:32
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ, цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдон ӕххӕст кӕныныл уӕхи хъарут цӕрӕнбонты. Уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ма рох кӕнут. Ма табу кӕнут ӕндӕр хуыцӕуттӕн.


Йӕ ныхӕстӕм ын мацы бафтау, науӕд дӕ фӕзылынджын кӕндзӕн, ӕмӕ сайӕгой разындзынӕ.


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ хъустӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕ зӕрдыл бадар, Дунедарӕджы хӕдзары ӕппӕт уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдӕутты тыххӕй дын цы дзурын, уыдӕттӕ. Дӕ хъус дар, Кувӕндоны бацӕуӕнтыл мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр цӕуын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонмӕ.


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куы хъусай, абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.


(афтӕ уыдзӕн, ӕз уын абон кӕмӕй зӕгъын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнат, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат ӕмӕ цард-цӕрӕнбонты Йӕ фӕдыл куы цӕуат), уӕд ма-иу уыцы ӕртӕ сахармӕ ноджыдӕр ӕртӕ бафтаут.


Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон.


Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ