Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 дӕ разы бынсӕфт куы фӕуой, уӕд-иу дӕхи хъахъхъӕн: къӕппӕджы бахаудзынӕ, уыдоны куы бафӕзмай ӕмӕ, ацы адӕмтӕ сӕ хуыцӕуттӕн куыд лӕггад кодтой, ӕз дӕр афтӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ сын сӕ хуыцӕутты куы бацагурай, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:30
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахаз ацыди Дамаскмӕ — Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесеримӕ сӕмбӕлынмӕ. Ӕмӕ уым нывондхӕссӕн куы федта, уӕд ын сауджын Уриамӕ арвыста йӕ хуызӕг ӕмӕ йӕ хахныв.


Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.


Сымах-иу сын се ’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕндӕр адӕмты фӕндӕгтыл уӕхи ма ахуыр кӕнут ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕ цы ӕрвон ӕвдисӕйнӕгтӕй тӕрсынц, уыдонӕй ма тӕрсут.


ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не ’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“».


Ӕз сӕ ӕрбакодтон, сомы сын ракӕнгӕйӕ, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ, фӕлӕ адон сӕхицӕн бацагуырдтой алы къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕлас, ӕмӕ-иу ахӕм къуыбырыл, кӕнӕ ахӕм бӕласы бын аргӕвстой сӕ нывондӕгтӕ. Уыцы рӕтты-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ хуынтӕ, хӕрздӕф буд-иу ссыгътой ӕмӕ калдтой сӕн“.


Сымах дзурут, цӕй ӕмӕ муртаттӕгтау, ӕндӕрбӕстаг адӕмтау, хъӕдтӕм ӕмӕ дуртӕм кувӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕ хъуыдыйы цы ис, уый уӕ къухы ницы хуызы бафтдзӕн!


Кӕм цардыстут, уыцы Мысыры, стӕй, кӕдӕм уӕ кӕнын, уыцы Ханааны хъуыддӕгтӕ дӕр ма бафӕзмут. Се ’гъдӕуттыл сын ма ныххӕцут.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».


уӕд ын йӕ цӕрджыты се ’ппӕты дӕр фӕсурут уырдыгӕй, ныффалгӕрон сын кӕнут сӕ хуыцаугӕндты нывтӕ ӕмӕ джиппыуагъд сурӕттӕ, сӕ кувӕн къуыбыртӕ сын иууылдӕр сӕмлӕгъз кӕнут.


Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын ӕмӕ Бардарӕджы номӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй мауал цӕрат, муртаттӕгтӕ сӕ рӕузонды аххосӕй куыд цӕрынц, афтӕ.


Уӕ зӕрдӕ уӕ ма асайӕд, ма адзӕгъӕл ут ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сын кувын ма райдайут.


Ды басӕттынмӕ кӕмӕ цӕуыс, уыцы адӕмты Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы ныццӕгъда, куы сӕ басӕттай ӕмӕ сын сӕ зӕххыл куы ӕрбынӕттон уай,


Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут.


Цӕмӕй, сӕ хуыцӕутты номыл цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл сымах дӕр ма сахуыр кӕной ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕды ма бацӕуат.


Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ