29 Ды басӕттынмӕ кӕмӕ цӕуыс, уыцы адӕмты Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы ныццӕгъда, куы сӕ басӕттай ӕмӕ сын сӕ зӕххыл куы ӕрбынӕттон уай,
Менассиа Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Дунедарӕг израилӕгты разӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.
Мӕ зӕд ацӕудзӕн уӕ разӕй ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн аморӕгтӕм, хеттӕгтӕм, периззӕгтӕм, ханаанӕгтӕм, хиввӕгтӕм ӕмӕ йевусӕгтӕм — ӕмӕ Ӕз бабын кӕндзынӕн уыцы адӕмты.
дӕ разы бынсӕфт куы фӕуой, уӕд-иу дӕхи хъахъхъӕн: къӕппӕджы бахаудзынӕ, уыдоны куы бафӕзмай ӕмӕ, ацы адӕмтӕ сӕ хуыцӕуттӕн куыд лӕггад кодтой, ӕз дӕр афтӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ сын сӕ хуыцӕутты куы бацагурай, уӕд.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты куы ныццӕгъда ӕмӕ йӕ сымах уӕхи куы бакӕнат, сӕ сахартӕ ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты куы ӕрбынӕттон уат,
Уӕдӕ ныр зонут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй зынгирвӕзтау цӕуы. Уый сӕ ныццӕгъддзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн уӕ разы. Фӕсурдзыстут сӕ, Дунедарӕг уын куыд загъта, афтӕ сӕ рӕхджы скуынӕг кӕндзыстут.
Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.
Гъемӕ уын ӕз халӕппӕрстӕй уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн исбонӕн байуӕрстон, ардыгон адӕмтӕй ма сӕрӕгас чи у, уыдоны зӕххытӕ, Иорданӕй хурныгуылӕнӕрдӕм — суанг Стыр денджызы онг (уыимӕ, цы адӕмты ныццагътон, уыдоны зӕххытӕ дӕр).