Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уый дӕм дард куы уа, уӕд, куыд дын загътон, афтӕ дӕхи сахары аргӕвд, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн цы стуртӕ ӕмӕ фысвос радта, уыдонӕй ӕмӕ хӕр дӕ фаг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:21
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломоны фырт Роховам Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕппӕт зӕххытӕй цы сахар равзӕрста, Йӕ ном дзы цӕра, уый охыл, уыцы Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыди аммонаг чызг.


Роховам йӕ паддзахы бадӕны ӕрфидар ис ӕмӕ дарддӕр паддзахиуӕг кодта Йерусалимы. Паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Йӕ номыл кӕй равзӕрста, уыцы сахар Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыдис аммонаг чызг.


Ацы бардзырды ныхмӕ цы паддзах кӕнӕ адӕм рацӕуой ӕмӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзарӕн зиан ракӕнынмӕ йӕ къух кӕмӕн батаса, уыдоны баййафӕд, уыцы хӕдзар Кӕй номыл у, уыцы Хуыцауы фыдӕх. Ӕз, Дарий, дӕттын ацы бардзырд, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕстгонд ӕрцӕуа».


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Фӕлӕ уын бар ис, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕхы руаджы уӕм цы фос уа, уымӕй, уӕ зӕрдӕ кӕд зӕгъа, уӕд уӕ алы сахары дӕр аргӕвдын. Уыцы дзидзайӕ, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыдау, хӕрыны бар ис сыгъдӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ, йӕхи чи фӕчъизи кодта, уымӕн дӕр.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ дӕ арӕнтӕ куы ныппарахат кӕна, уӕд-иу, кӕд дӕ бафӕнда, уӕд хӕр фыдызгъӕл, цас дӕ хъӕуа, уый бӕрц.


Ӕрмӕст сӕ хӕр, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыд куыд хӕрынц, афтӕ. Сыгъдӕгӕн ӕмӕ дзы, чи фӕчъизи ис, уымӕн дӕр хӕрыны бар ис.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл кӕй равзара, ӕрмӕстдӕр уыцы бынаты изӕрыгон, хурныгуылды фӕстӕ, Мысырӕй куы рацыдтӕ, раст уыцы афон, акусарт кӕн Куадзӕны нывонд.


уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ