Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:12
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕстӕм бон паддзах Соломон адӕмы ауагъта. Уыдон ын арфӕ ракодтой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм араст сты, Дунедарӕг Йӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн цы бирӕ хӕрзты бацыд, уыдоныл цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ.


Езекиа ӕмӕ ӕгас дзыллӕ цин кодтой, Хуыцау сӕ кӕй фӕфидар кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ конд ӕрцыдысты тынг цыбыр рӕстӕгмӕ.


Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»


Стау, Йерусалим, Дунедарӕджы! Стау, Сион, дӕ Хуыцауы!


Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Зӕххы хай дын нӕ уыдзӕнис Израилы, ницы хай райсдзынӕ се ’хсӕн: дӕ исбон ӕмӕ дӕ зӕххы хай Ӕз дӕн!


«Фехъусын кӕн левиттӕн: Ӕз уын зӕххы хайы бӕсты кӕй радтон, израилӕгтӕй уыцы дӕсӕймаг хай куы райсат, уӕд-иу ын йӕ дӕсӕймаг хай Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут.


Петр Ын загъта: «Никуы мын цӕхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ!» Йесо йын дзуапп радта: «Куынӕ дын сӕ цӕхсон, уӕд дын Мемӕ иумӕйагӕй ницы ис».


Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.


Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.


Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ.


Хъусыс, дӕ зӕххыл куы ӕрцӕрай, уӕд макуы ныууадз рохуаты левиты.


Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл.


Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.


Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.


Уӕ бӕрӕгбон хъӕлдзӕгӕй ӕрвитут: ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрджытӕ: левиттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕрӕй ӕмӕ идӕдзӕй дзы чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр.


Израилы сахартӕй кӕцыфӕндыйы цӕрӕг левит дӕр, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы бацӕуа


Райӕд дӕ зӕрдӕ, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн цы бӕркӕдтӕ радта, уыдонӕй. Цин кӕнут: ды дӕр, левит дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр.


Ӕртыккаг аз, дӕсӕймаг хӕйтты аз, де ’ппӕт тыллӕгӕн йӕ дӕсӕймаг хай куы рахицӕн кӕнай ӕмӕ йӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн куы раттай, цӕмӕй ӕххормаг ма уой дӕ сахары,


Фидыды нывӕндтӕ хӕссут ӕмӕ хӕрут, цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз.


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндагӕн нӕ радта Моисей зӕххы хай: Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон сты сӕ исбон, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.


Фӕлӕ Левийы хӕдзарвӕндагӕн исбон нӕ радта: Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыди сӕ исбон, Йӕхӕдӕг сын куыд загъта, афтӕ.


Йосефы байзӕддӕгтӕ фӕдих сты дыууӕ хӕдзарвӕндагыл: Менассиайы ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгтыл. (Левийы байзӕддӕгтӕн бӕстӕйӕ хай нӕ радтой, ӕрмӕст сын цӕрынӕн радтой сахартӕ, стӕй сахаргӕрӕтты сӕрвӕттӕ се стуртӕ ӕмӕ сӕ лыстӕг фос хизынӕн.)


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ