Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 12:11
41 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ацы адӕм нывӕндтӕ хӕссыны охыл Йерусалиммӕ куы цӕуой, Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, уӕд сӕ зӕрдӕ фӕфӕлмӕн уыдзӕни сӕ бардарӕг Роховаммӕ, иудейаг паддзахмӕ, ӕмӕ мӕн амардзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты уымӕ».


Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».


«Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй Мӕ номыл уым хӕдзар арӕзт ӕрцӕуа, фӕлӕ равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы Мӕ ном цӕра, ӕмӕ равзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы сӕргъы».


Ӕхсӕвӕй уа, бонӕй, Де ’ргом макуы аздах ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар Дӕм кувы, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, ӕмӕ йын айс йӕ куывд.


Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ?“


Давид загъта: «Ам уыдзӕни Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзар, мӕнӕ — Израилы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн!»


Ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕ цӕст ма ис ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар-иу, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы кува, уӕд-иу ӕй фехъус.


Ӕхсӕвы Дунедарӕг раргом ис Соломонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын дӕ куывд фехъуыстон. Ӕз ацы бынат равзӕрстон, цӕмӕй ам нывӕндтӕ хӕссой.


Ацы бардзырды ныхмӕ цы паддзах кӕнӕ адӕм рацӕуой ӕмӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзарӕн зиан ракӕнынмӕ йӕ къух кӕмӕн батаса, уыдоны баййафӕд, уыцы хӕдзар Кӕй номыл у, уыцы Хуыцауы фыдӕх. Ӕз, Дарий, дӕттын ацы бардзырд, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕстгонд ӕрцӕуа».


Раст фӕндагыл у мӕ сагъӕс ӕдзух, кӕд мӕм ӕрцӕудзынӕ? Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕз цӕрын мӕ хӕдзары,


Израилӕгтӕ Мын саразӕнт Уаз Цӕрӕн, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрон.


Ӕз цӕрдзынӕн израилӕгты ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау,


— Уӕдӕ ацӕут Силоммӕ, Мӕ номӕн раздӕр цы бынат снысан кодтон, уырдӕм: Мӕ адӕмы, Израилы, фыдракӕндты тыххӕй Силомӕн цытӕ бакодтон, уый фенут.


Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ куынӕ ӕрбакӕна ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цӕрӕны раз нывондӕн куынӕ ӕрхӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд уыцы адӕймаг азымджын фӕуыдзӕн: туг ныккалдта, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Уӕхи хъахъхъӕнут, уӕ зӕрдӕ уӕ цы ран скъуыра, уым уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ма хӕссут.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл цы бынат равзара Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уым-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ-иу, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдӕттӕ кӕнут.


Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уый дӕм дард куы уа, уӕд, куыд дын загътон, афтӕ дӕхи сахары аргӕвд, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн цы стуртӕ ӕмӕ фысвос радта, уыдонӕй ӕмӕ хӕр дӕ фаг.


Дӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ дӕ фидыды нывӕндтимӕ та дын, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынатмӕ цӕугӕ у.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым бахӕр: дӕ хор, дӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сойӕн сӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ дӕ фысвосы сӕртӕ. Ӕдзухдӕр дӕ хъуыдыйы уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕ ма хицӕн кӕнӕд Йӕ тас.


Де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосӕн сӕ фыццаг цӕуӕт кӕддӕриддӕр нывонд кӕн Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн. Фыццаг гайлаг кусынӕн нӕу, фыццаг фыры ӕлвынӕн нӕй.


Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз сӕ хӕр алы аз дӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг цы бынат равзара, уым.


Туг ныккалди, быцӕу рауади, исчи фӕцӕф ис, ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссыныл дӕ сахары дӕ зӕрдӕ нӕ дарыс, зӕгъгӕ, уӕд фӕцу, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


Израилы сахартӕй кӕцыфӕндыйы цӕрӕг левит дӕр, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы бацӕуа


Уадз ӕмӕ уе ’хсӕн, уӕ сахартӕй иуы, кӕм ӕй фӕнда, уым цӕра. Ма йӕ ’фхӕрут.


уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


ӕппӕт Израил куы ӕрбамбырд уой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым, уӕд-иу ацы Ӕгъдау хъӕрӕй бакӕсут, цӕмӕй йӕ ӕгас Израил дӕр фехъуса.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Ӕмӕ уыцы хабар байхъуыст иннӕ израилӕгтӕм: уыдон базыдтой, Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис Ханааны арӕныл, Иорданы раз чи ис, уыцы Гелилоты, израилӕгты ’рдыгӕй, нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтой, уый.


«Дунедарӕджы дзыллӕ уын уайдзӕф кӕны: Израилы Хуыцауыл гадзрахатӕй цӕмӕн рацыдыстут? Уӕхи Йыл цӕмӕн атигъ кодтат? Уӕхицӕн нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтат, уымӕй Дунедарӕджы ныхмӕ рацыдыстут.


Кӕд ӕмӕ мах, нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтам, уымӕй Дунедарӕгыл сыстырзӕрдӕ стӕм, кӕд нӕ нывондхӕссӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссыны ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны тыххӕй сарӕзтам, уӕд нын Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕуӕд тӕрхонгӕнӕг!


Уадз ӕмӕ уыцы нывондхӕссӕн махӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр, стӕй нӕ фӕстагӕттӕн дӕр уа ӕцӕг ӕвдисӕн, нӕ иууылсудзинӕгтӕ, нӕ кусӕрттаг нывӕндтӕ ӕмӕ нӕ арфӕтӕй нӕ бон Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн, цӕмӕй уӕ байзӕддӕгтӕ фидӕны нӕ байзӕддӕгтӕн ма бауайдзӕф кӕной, сымах Дунедарӕджы адӕм не стут, зӕгъгӕ“.


Уымӕн уӕвӕн нӕй, ӕмӕ мах Дунедарӕджы ныхмӕ рацӕуӕм, нӕхи Йыл атигъ кӕнӕм, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, Йӕ Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕй уӕлдай иууылсудзинӕгтӕн, хойраджы хуынтӕн ӕмӕ кусӕрттаг нывӕндтӕн ӕндӕр нывондхӕссӕн саразӕм».


Фӕлӕ уыцы бон Йешуа бардзырд радта, цӕмӕй гивонӕгтӕ суг сӕттой ӕмӕ дон хӕссой Израилы дзыллӕйӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нывондхӕссӕнӕн. Ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыстгӕнӕг сты, Дунедарӕг цы кувӕн бынат равзары, уым.


Елкана йӕ бинонтимӕ ссыди Дунедарӕгӕн ӕрвылазы нывонд ӕмӕ сомыйы нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ