5 Цалынмӕ ардӕм цыдыстут, уӕдмӕ уын Уый ӕдзӕрӕг быдыры цытӕ бавзарын кодта!
О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»
Мысыры ӕфсад уӕ фӕсте куы расырдта, уӕд сӕ ӕд бӕхтӕ ӕмӕ ӕд уӕрдӕттӕ Сырх денджызы куыд фӕдӕлдон ӕмӕ куыд бабын кодта, уыдӕттӕ; абоны онг сӕ кой дӕр нал ис.
Рувимы мыггагӕй Елиавы фыртты, Датан ӕмӕ Авирамы, куыд байсӕфта! Фӕйнӕрдӕм фӕцыди зӕхх ӕмӕ сӕ ’ппӕт Израилы раз ӕд бинонтӕ, ӕд цатыртӕ, ӕд фос ӕмӕ ӕд исбон аныхъуырдта.