32 фӕлӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕнут, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ.
Ӕз рагӕй цӕрын, сабыр цард ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ’хсӕн.
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.
Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.
Уымӕн ӕмӕ сымах Иорданы сӕрты хизут, цӕмӕй уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕ уӕхи бакӕнат. Уӕхи йӕ бакӕндзыстут ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзыстут,
Мӕнӕ сты, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым цӕргӕбонты бӕстон кӕй хъуамӕ ’ххӕст кӕнат, уыцы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.
Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.
Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,
Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.
Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.
Макуы уӕ ферох уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ Йын макуы ахизут Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты, мӕнӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдоны сӕрты.