3 Мысыры цы ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта; фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйӕн цытӕ бакодта;
мӕй ӕмӕ стъалытӕ — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ.
Мысыры ӕфсад уӕ фӕсте куы расырдта, уӕд сӕ ӕд бӕхтӕ ӕмӕ ӕд уӕрдӕттӕ Сырх денджызы куыд фӕдӕлдон ӕмӕ куыд бабын кодта, уыдӕттӕ; абоны онг сӕ кой дӕр нал ис.
Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.
уӕхи цӕстӕй кӕй федтат, уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах Йӕ базыры бын куыд бакодта ӕмӕ уӕ Йӕ хъомысджын къухы руаджы куыд фервӕзын кодта, афтӕ та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, схос кӕндзӕн, сымах кӕмӕй тӕрсут, уыцы адӕмтӕн дӕр.