Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 11:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат — сымах уыдзӕн: ӕдзӕрӕг быдырӕй Ливанмӕ, Евфраты донӕй Зӕххастӕуы денджызы онг аххӕсдзысты уӕ зӕххытӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 11:24
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.


Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй.


Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг цы паддзӕхтӕ уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Соломоны дӕлбар.


Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.


Цӕгатӕй уӕм чи ’рбабырста, уыдоны дӕр ӕнӕдон, хус зӕхмӕ фӕсурдзынӕн, сӕ раззагдӕр ӕфсад сын Мард денджызы фесафдзынӕн, фӕсте сӕ фӕдыл чи ’рбацӕуы, уыдоны та — Зӕххастӕуы денджызы. Сӕ мӕрдты смаг уӕлдӕфы ахъардзӕн, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдбылызтӕ сарӕзтой».


Уӕ фӕндаг дарут, цӕут, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм ӕмӕ сӕ сыхӕгты зӕххытӕм, быдырмӕ ӕмӕ хӕхтӕм: Шефеламӕ, Негевмӕ, донгӕрӕттӕм, ханаанӕгты бӕстӕм, Ливанмӕ — суанг стыр доны, Евфраты, онг.


Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ дӕ арӕнтӕ куы ныппарахат кӕна, уӕд-иу, кӕд дӕ бафӕнда, уӕд хӕр фыдызгъӕл, цас дӕ хъӕуа, уый бӕрц.


Неффалимы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Иудӕйы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг ныгуылӕны денджызы онг,


Ӕмӕ уыцы бон Моисей ард бахордта: „Дӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдтай, уыцы зӕхх фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн мыггагмӕ ӕнӕмӕнг лӕвӕрд уыдзӕни дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕгыл, мӕ Хуыцауыл, ӕнӕгуырысхойӕ кӕй дардтай дӕ зӕрдӕ, уый тыххӕй“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ