23 уӕд Уый уӕ цурӕй ацы адӕмты се ’ппӕты дӕр фӕсурдзӕн, уӕд басӕтдзыстут, нымӕцӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр кӕй не ’ййафут, уыцы адӕмты.
Ӕххӕст кӕнут, абон уын цы фӕдзӕхсын, уый. Уӕ цурӕй уын фӕлидзӕг кӕндзынӕн аморӕгты, ханаанӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.
цӕмӕй фӕсурат сӕ бӕстӕй, сымахӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны; цӕмӕй уӕ ӕрбакӕна сӕ зӕхмӕ ӕмӕ уын ӕй ратта исбонӕн, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ.
Байхъусут, израилӕгтӕ! Сымах ныр цӕут Иорданы фалемӕ, цӕмӕй, уӕхицӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны фӕсурат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, уӕларвмӕ чи ӕххӕссы, уыцы фидаргонд сахартӕ,
Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый.
Дунедарӕг уын уӕ цурӕй фӕсырдта стыр ӕмӕ домбай адӕмты, ӕмӕ абоны онг уӕ ныхмӕ фӕлӕууыны хъару никӕцы адӕммӕ разынд.