Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 11:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Цӕмӕй, цалынмӕ зӕххы сӕрмӕ арв уа, уӕдмӕ, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, ууыл сымах дӕр ӕмӕ уӕ тъымы-тъыма дӕр цӕра.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 11:21
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон царды зындзинӕдтӕй хызт сты, иннӕтау царды уӕз нӕ базонынц.


Уӕлзондӕн йӕ рахиз къухы — бирӕ цӕрӕнбон, йӕ галиуы — хъӕздыгдзинад ӕмӕ цыт.


дӕ царды бонтӕ ӕмӕ дӕ азты нымӕц фӕфылдӕр уыдзысты, фарн дын ӕрхӕсдзысты.


Мӕ лӕппу, байхъус мын мӕ ныхӕстӕм, дӕ зӕрдӕмӕ сӕ айс ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзынӕ.


Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис.


Уым никуыуал ахуысдзӕни сабийы зынг, иу ацӕргӕ дӕр дзы нал амӕлдзӕни, цалынмӕ хӕрз зӕронд бауа, уӕдмӕ. Сӕдӕаздзыдӕй чи амӕла, уымӕй дзурдзысты, цардхъуаг уыди, зӕгъгӕ. Ӕнус чи нӕ фӕцӕра, уымӕй, ӕлгъыст фӕци, зӕгъгӕ, дзурдзысты.


цӕмӕй, Дунедарӕг кӕмӕй расомы кодта, уӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ йӕ сӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрат.


Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл.


Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.


Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы цард чи райсдзӕн, уыдон: дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ