Фӕлхатгонд ӕгъдау 11:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст13 Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы ӕххӕст кӕнат, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ Йын удуӕлдайӕ лӕггад куы кӕнат, အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Куы Мӕм байхъусат, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сабаты ацы сахары кулдуӕртты уылты куы ницы хӕссат, сабат уын уаз куы уа ӕмӕ уыцы бон ӕппындӕр куы ницы кусат, уӕд, Давиды бадӕны цы паддзӕхтӕ сбадынц, уыдон, уӕздӕттӕ, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕ бӕхтӕ ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл кӕддӕриддӕр ацы сахары кулдуӕртты уылты цӕудзысты, сахар та лӕудзӕни мыггагмӕ.