12 Уыцы бӕстӕйыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ауды ӕппынӕдзух. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афӕдзы райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ уымӕ Йӕ цӕст дары.
ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.
цалынмӕ уӕм ӕрбацӕуон ӕмӕ уӕ акӕнон уӕ зӕххы халдих зӕхмӕ, дзул ӕмӕ сӕн, дыргътӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ мыд кӕм ис, уыцы зӕхмӕ. Ӕмӕ уӕд сӕрӕгасӕй баззайдзыстут, нӕ амӕлдзыстут. Ма хъусут Езекиамӕ: Дунедарӕг уӕ фервӕзын кӕндзӕн, зӕгъгӕ уын кӕй зӕгъы, уымӕй уӕ сайгӕ кӕны.
Фӕлӕ иудейаг хистӕртӕн сӕ Хуыцау ӕххуыс кодта, ӕмӕ сӕ нӕ бахъыгдӕрдтой. Хъуыддагмӕ ӕркӕсыны тыххӕй уал Даримӕ ныффыстой ӕмӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты.
Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.
Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!
Ахсӕн хызы нӕ баппӕрстай, хъадамантӕ ныл сӕвӕрдтай,
цалынмӕ уӕм не ’рбацӕуон ӕмӕ уӕ нӕ акӕнон уӕ зӕххы халдих зӕхмӕ, дзул ӕмӕ сӕн, дыргътӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ кӕм ис, уыцы зӕхмӕ.
Сӕ фарны сӕраппонд сӕм ӕркӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ ацы зӕхмӕ раздахдзынӕн. Мӕ фӕрцы сфидар уыдзысты, ӕмӕ сӕ нал ныддӕрӕн кӕндзынӕн, куы сӕ байтауон, уӕд сӕ нал срӕдувдзынӕн.