5 Хохӕй рараст кодтон, ӕрцыдтӕн ӕмӕ къӕйдуртӕ, Дунедарӕг мын куыд загъта, афтӕ Чырыны бафснайдтон.
Фидыды Чырыны-иу нывӕр, къӕйдуртыл фыстӕй дын цы фӕдзӕхстытӕ ратдзынӕн, уыдон.
Фидыды Чырыны нывӕр, цы фӕдзӕхстытӕ дын ратдзынӕн, уыдон ӕмӕ йыл йӕ сӕр ӕрӕвӕр.
Моисей фӕзылд ӕмӕ дӕлӕмӕ фӕуырдыг кодта. Йӕ къухты хаста Фидыды дыууӕ къӕйдуры — дыууӕрдыгӕй дӕр сыл фыстытӕ.
Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.
Моисей ӕрхызти Синайы хохӕй, йӕ къухты — Фидыды дыууӕ къӕйдуры. Нӕ зыдта, Хуыцауимӕ ныхасгӕнгӕйӕ йӕ цӕсгом тӕмӕнтӕ калын кӕй байдыдта, уый.
Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ.
Къӕйдуртыл Ӕз ногӕй ныффысдзынӕн, кӕй асастай, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ фыст уыди, уыдон, ӕмӕ сӕ ды Чырыны нывӕрдзынӕ“.
Ӕз фӕзылдтӕн ӕмӕ хохӕй дӕлӕмӕ фӕцӕуӕг дӕн. Хох пиллонӕй сыгъди. Фидыды дыууӕ къӕйдурыл хӕцыдтӕн мӕ дыууӕ къухӕй.
Йешуа ӕндӕр дыууадӕс дуры ӕрӕвӕрдта Иорданы бӕстастӕу, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым. Дуртӕ абон дӕр ма уыцы ран лӕууынц.