Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 10:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дунедарӕг та сыл ногӕй ныффыста, ӕмбырды бон уӕм хохы сӕр арты хуылфӕй цы Дӕс фӕдзӕхсты радзырдта, уыдон ӕмӕ мӕм сӕ радта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 10:4
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцамай дыууӕ къӕйдуры — кӕй асастай, уыдоны халдихтӕ. Ӕз сыл ныффысдзынӕн, фыццӕгтыл цы ныхӕстӕ ныффыстон, уыдон.


Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.


Сымах ӕмбырдӕй Хоревы рӕбын Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, цыдӕриддӕр домдтат, уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты. Загътат: „Куынӕуал фехъусиккам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс, куынӕуал фениккам уыцы стыр арт, ӕндӕра нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕ уыдзӕн!“


Ӕмӕ мын Дунедарӕг радта дыууӕ къӕйдуры. Сӕ уӕлӕ Хуыцауы къухӕй фыст уыдысты, Дунедарӕг уын ӕмбырды бон, хохы сӕр, арты хуылфӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон иууылдӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ