22 Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.
Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».
уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!
Йаковимӕ Мысырмӕ чи ӕрцыди, йӕ уыцы байзӕддӕгтӕ, йӕ фыртты устыты нӕ нымайгӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдзы.
Йосефы фырттӕ та, Мысыры йын чи райгуырди, уыдон, уыдысты дыууӕ. Афтӕмӕй Йаковы мыггаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы.
Сӕ хъӕстӕ дӕр сын арвы стъалытау сбирӕ кодтай ӕмӕ, бацӕут ӕм ӕмӕ сымах бауыдзӕни, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, уыцы зӕхх сын радтай.
Йосефимӕ — уый раздӕр афтыди Мысырмӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз.
Израилӕгтӕй нымад чи ӕрцыд, уыдоны нымӕц — ӕхсӕсӕдӕ иу мин авдсӕдӕ ӕртын.
Иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын ӕртӕ мины; уыдонӕн израилӕгты ’хсӕн хай лӕвӕрд кӕй не ’рцыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтимӕ нымад не ’рцыдысты.
Йосеф арвыста хонӕг йӕ фыд Йаков ӕмӕ йе ’ппӕт хиуӕттӕм — фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ.
Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, сымах арвы стъалытау ӕнӕнымӕц скодта.
Ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, мин хатты фӕфылдӕр кӕнӕд сымах ӕмӕ уын раарфӕ кӕнӕд, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ.
Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.
Арвы стъалытау сбирӕ уыдзыстут, фӕлӕ уӕ удӕгасӕй, стӕмтӕй уӕлдай, ничи баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ кастыстут.
Афтӕ иу лӕгӕй, уымӕй дӕр, удӕгӕстӕй мӕрдтӕм чи фӕхӕстӕгдӕр, ахӕмӕй рацыд арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызгӕрон змисау ӕнӕнымӕц адӕм.