Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 10:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уый дӕ кад у, дӕ Хуыцау, дӕ цӕстыты раз дӕу тыххӕй уыцы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг диссӕгтӕ Чи сарӕзта, Уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 10:21
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.


Давиды псалом. Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: «Сбад мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн».


Арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдон Уый сфӕлдыста. Уый ӕнустӕм иузӕрдион у.


Уый Йӕ адӕмӕн радта уӕлахиз, скадджын кодта Йе ’ппӕт сыгъдӕджыты — Израилы байзӕддаджы, ӕввахс Ӕм чи у, уыцы адӕмы. Алелуйа!


Фӕфидар мын кӕны мӕ уд, раст фӕндагыл мӕ аразы Йӕ номы сӕраппонд.


Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Уемӕ аразын фидыд. Ӕппӕт адӕмы раз Ӕз равдисдзынӕн, зӕххы цъарыл иунӕг адӕммӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм диссӕгтӕ. Уадз ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн цӕрыс, уыдон иууылдӕр тасимӕ кӕсой, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уымӕ.


Хур ӕмӕ мӕй нал уыдзысты дӕ рухсгӕнджытӕ, фӕлӕ дын Дунедарӕг Хуыцау уыдзӕни мыггагмӕйы рухс ӕмӕ кад.


Ӕнӕнхъӕлӕджы тасӕфтауӕг хъуыддӕгтӕ куы арӕзтай ӕмӕ-иу уӕларвӕй куы ’рхызтӕ, уӕд-иу ӕмризӕджы ныррызтызты хӕхтӕ.


О Дунедарӕг, сдзӕбӕх мӕ кӕн, ӕмӕ ӕнӕниз суыдзынӕн; фервӕзын мӕ кӕн, ӕмӕ фервӕздзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕу стауын!


Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».


Дунедарӕг нын нӕ цурӕй фӕсырдта ӕппӕт адӕмты, ацы зӕххыл чи царди, уыцы аморӕгты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр лӕггад кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у».


Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.


Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ