Фӕлхатгонд ӕгъдау 10:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст17 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.
Ды уый тыххӕй федтай, хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур куыд фӕхицӕн ис ӕмӕ ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕлыг, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин куыд базгъӕлӕнтӕ сты, уый. Гъе, афтӕ стыр Хуыцау паддзахӕн базонын кодта фидӕны цаутӕ. Фыны цыдӕриддӕр федтай, уыдон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ дын дӕ фын раст кӕй райхӕлдтон, ууыл гуырысхо ма кӕн».