9 Уыцы заман уын ӕз загътон: „Иунӕгӕй мӕ бон нӕу сымахӕн фӕтк ӕвӕрын.
Афтӕмӕй дӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тухӕнӕй амардзынӕ. Ӕгӕр уӕззау у дӕ хӕс, ӕмӕ иунӕгӕй ницы бакӕндзынӕ.
Моисей байхъуыста йӕ каисы зондмӕ ӕмӕ, уый йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта.
Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.
Ӕмӕ сахары хистӕртӕ бафхӕрӕнт уыцы лӕджы.