44 Уыцы хӕхты цӕрӕг аморӕгтӕ уӕ размӕ ралӕууыдысты. Мыдыбындзытау уӕ сӕ уӕлныхты айстой Сеиры ӕмӕ уӕ суанг Хормайы онг фӕсырдтой.
Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг! Бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
Уӕд Дунедарӕг фехситт кӕндзӕн бындзытӕм — Нилы донгуырӕнты цӕрджытӕм ӕмӕ Ассирийы мыдыбындзытӕм.
Уыцы хӕхты цӕрӕг амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ сӕ размӕ ралӕууыдысты ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой, сӕ уӕлныхты сӕ айстой ӕмӕ сӕ Хормайы раз балӕууын кодтой.
Дунедарӕгмӕ фехъуысти Израилы сомы, ӕмӕ йын ханаанӕгты йӕ къухмӕ радта. Израилӕгтӕ сын ӕлгъыстаг фӕкодтой сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ сахартӕ дӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат хонынц Хорма.
Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.
Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“
Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой. Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти.