Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:4
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы,


Ды сын сӕ бар бакодтай паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмты, байуӕрстай сын зӕхх, ӕмӕ бацахстой Сигоны, Хешбоны паддзахы, зӕххытӕ, стӕй Башаны паддзах Огы зӕххытӕ.


ракодта уырдыгӕй Израилы адӕмы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Иорданы фале, Моавы зӕххыл, Моисей бавнӕлдта Ӕгъдауыл бӕстон ӕрдзурынмӕ. Уый загъта:


Кедемоты ӕдзӕрӕг быдырӕй арвыстон минӕвӕрттӕ Сигонмӕ, Хешбоны паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой:


Фездӕхтыстӕм ӕмӕ Башанмӕ фӕндагыл ацыдыстӕм; Ог, Башаны паддзах, йе ’ппӕт ӕфсадимӕ нӕ ныхмӕ хӕстмӕ ралӕууыд Едреийы.


Ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам, Хешбоны паддзах Сигонӕн куыд бакодтам, афтӕ; сахартӕн сӕ цӕрджыты ныццагътам — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй.


Йӕ бӕстӕ йын, стӕй ма йемӕ ноджы Башаны паддзах Огы бӕстӕ дӕр сӕхи бакодтой. Уыцы дыууӕ амораг паддзахы зӕххытӕ сӕхи айтыгътой Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ