33 Афтӕмӕй Уый та уӕ разӕй цыди, сымахӕн рӕсӕнуӕттӕ агургӕйӕ: ӕхсӕв — арты хуызы, раст фӕндаг уын куыд амона, бон та — ӕврагъы“.
Ды мигъы цӕджындзы хуызы сӕ сӕрмӕ цыдтӕ боныгон, ӕхсӕвыгон та сын судзгӕ арты цӕджындзы хуызы рухс кодтай сӕ развӕд.
Се ’наккаг митӕй фегад кодтой сӕхи, сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — хъахбай митӕ.
О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»
Боныцъӕхтыл Дунедарӕг арты цӕджындз ӕмӕ мигъы цӕджындзӕй ракасти Мысыры ӕфсадмӕ, ӕмӕ уыдон фыр тӕссӕй барызтысты.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кардӕй чи аирвӕзт, уыцы адӕм хорзӕх ссардтой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ басабыр кӕндзынӕн Израилы».
Уыцы бон сын Ӕз, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, Мысыры зӕххӕй сӕ кӕй ракӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.
Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.
Араст сты Дунедарӕджы хохӕй ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты. Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕртӕ бонцауы раздӕр цыди сӕ разӕй, цӕмӕй сын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууой, уыцы бынӕттӕ амона.
уӕд ӕй радзурдзысты ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн. Уыдон та ныридӕгӕн фехъуыстой, Ды, Дунедарӕг, ацы адӕмӕн се ’хсӕн кӕй Дӕ ӕмӕ сӕм ӕргом кӕй рацӕуыс; Дӕ мигъы ӕврагъ кӕй лӕууы сӕ сӕрмӕ, Ды Дӕхӕдӕг кӕй цӕуыс сӕ разӕй, боныгон — мигъы цӕджындзы, ӕхсӕв та — арты цӕджынджы.