Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уӕ цатырты бустӕ кодтат ӕмӕ дзырдтат: „Ӕнӕуынон стӕм Дунедарӕгӕн, ӕмӕ нӕ уымӕн ракодта Мысырӕй, цӕмӕй нӕ аморӕгты къухтӕм ратта ӕмӕ бабын уӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:27
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ ныхасӕй-иу уад сыстади, хӕрдмӕ-иу фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ.


Дзырдтой: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам Дунедарӕджы къухӕй. Уым бадтыстӕм дзидзайы ӕгты уӕлхъус, нӕ фаг нын уыди дзул! Сымах та не ’ппӕты дӕр ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сыдӕй амарынмӕ ракодтат».


Ноджы ма Моисей загъта: «Дунедарӕг уын уӕ фаг ратдзӕн: изӕры — дзидза, райсомӕй та — дзул. Уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуыр-хъуыр. Сымах Дунедарӕгыл бустӕ кодтат, махыл нӕ, фӕлӕ. Мах чи стӕм?!»


Цӕмӕ нӕ кӕны Дунедарӕг уыцы бӕстӕм? Цӕмӕй кардылӕфтыд фӕуӕм? Цӕмӕй нӕ устытӕ ӕмӕ нӕ сабитӕ уацары бахауой? Фӕлтау фӕстӕмӕ Мысырмӕ куы аздӕхиккам, уӕд нын хуыздӕр нӕ уаид?»


Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй».


Иу талант чи райста, уый дӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ӕз зыдтон, ды карз лӕг кӕй дӕ, уый. Кӕм нӕ байтыдтай, уым кӕрдыс, кӕм нӕ райдзӕгътай, уым ӕмбырд кӕныс.


Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ: цы нӕ нывӕрдтай, уый исыс, цы нӕ байтыдтай, уый кӕрдыс“.


цӕмӕй, Дӕ хъомысы руаджы кӕцӕй раирвӕзтыстӕм, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕ ма зӕгъой: ‚Дунедарӕг сын зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын сӕ Йӕ бон не сси. Ӕнӕуынон Ын уыдысты, ӕмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр уымӕн ракодта, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры амара‘.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ