25 Зӕххы тыллӕгӕй сӕ къухты райстой, ӕрбахастой нын дзы ӕмӕ загътой: „Ӕвӕджиауы бӕстӕ аккаг кӕны махӕн Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!“
ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.
Сӕ бӕстӕ куыд у — хорз у ӕви ӕвзӕр? Сӕ сахартӕ быгъдӕг сты ӕви бырутӕй ӕхгӕд?
Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.
ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн загътой: «Мах бӕрӕггӕнӕг цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый тынг бӕллиццаг у!
Уыдон араст кодтой, хӕхтӕм ссыдысты ӕмӕ Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты. Ӕркастысты йӕм.
Фӕлӕ сымах уӕ бынатӕй фенкъуысын нӕ бафӕндыд, сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндоны ныхмӕ рацыдыстут.