23 Уыцы фӕнд мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнӕй дыууадӕс лӕджы равзӕрстон, алы мыггагӕй дӕр фӕйнӕ иуы.
Уый фӕстӕ адардтой сӕ фӕндаг Хацеротӕй ӕмӕ уал Параны ӕдзӕрӕг быдыры ӕрлӕууыдысты.
Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ бакодтой, Кадеш-Барнеайӕ сӕ, уыцы бӕстӕм ӕркӕсут, зӕгъгӕ, куы арвыстон, уӕд.
Фӕлӕ мӕм сымах ӕрбацыдыстут ӕмӕ загътат: „Нӕ разӕй сгарджытӕ арвитӕм, цӕмӕй уыдон бӕстӕм ӕркӕсой ӕмӕ нын радзурой, цы фӕндӕгтыл нын цӕугӕ у ӕмӕ цы сахартӕм бацӕудзыстӕм, уыдоны тыххӕй“.
Уыдон араст кодтой, хӕхтӕм ссыдысты ӕмӕ Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты. Ӕркастысты йӕм.