Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Хоревӕй Сеиры хӕхтӕм фӕндагыл Кадеш-Барнеайы ’рдӕм иуӕндӕс бонцауы ӕддӕдӕр,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:2
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.


Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.


Дунедарӕгӕн дӕ хоры сӕртӕй хойраджы хуын куы хӕссай, уӕд-иу ӕрбахӕсс фӕхты хост цӕкуытӕ — цъӕх ӕфсиртӕй.


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ. Фӕстӕмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕмӕн арфӕ ракодтой, ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Дунедарӕджы кад раргом ис.


Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.


Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ бакодтой, Кадеш-Барнеайӕ сӕ, уыцы бӕстӕм ӕркӕсут, зӕгъгӕ, куы арвыстон, уӕд.


Фенкъуыстыстӕм Хоревӕй ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл ахызтыстӕм. Уӕхи цӕстытӕй федтат, куыд ӕгӕрон ӕмӕ тӕссаг уыди, уый. Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куыд загъта, афтӕ, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм нӕ ных сарӕзтам ӕмӕ Кадеш-Барнеамӕ бахӕццӕ стӕм.


Уыцы хӕхты цӕрӕг аморӕгтӕ уӕ размӕ ралӕууыдысты. Мыдыбындзытау уӕ сӕ уӕлныхты айстой Сеиры ӕмӕ уӕ суанг Хормайы онг фӕсырдтой.


Фӕзылдыстӕм уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ фӕндагыл араст кодтам. Бирӕ бонты фӕцыдыстӕм Сеиры хӕхты алфамбылай.


Адӕмӕн бамбарын кӕн: Сеиры чи цӕры, уӕ уыцы ӕфсымӕрты, Исавы байзӕддаджы арӕнтыл уын цӕугӕ у. Уыдон уӕ тӕрсгӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕхи хизут


Нӕхи иуварс айстам не ’фсымӕртӕй, Исавы байзӕддӕгтӕй, Сеиры цӕрджытӕй, Аравӕмӕ фӕндагӕй, Елат ӕмӕ Ецион-Геверӕй, ӕмӕ нӕ ных Моавы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтам.


Дунедарӕг уӕ Кадеш-Барнеайӕ куы рарвыста, цӕут ӕмӕ уын цы бӕстӕ дӕттын, уый уӕхи бакӕнут, зӕгъгӕ, уӕд Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ бакастыстут, нӕ Йыл баууӕндыдыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтат.


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Гилгалы бацыдысты Йешуамӕ. Иефоннейы фырт кенизаг Калев ын загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, Дунедарӕг Моисейӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн, Кадеш-Барнеайы мӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй цы дзырдта, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ