Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 1:15
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут.


Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ.


Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм.


Ӕмӕ Уый иуты сӕвӕрдта апостолтӕй, иннӕты — пехуымпартӕй, аннӕты — Фарны Уац хъусынгӕнджытӕй, кӕйдӕрты та — фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй,


Сымах мын дзуапп радтат: „Рӕстытӕ дзурыс“.


Ӕмӕ загътон уӕд ӕз уӕ тӕрхонгӕнджытӕн: „Лӕмбынӕг ӕвзарут уе ’фсымӕрты ’хсӕн быцӕутӕ ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут, израилӕгтӕ сӕхимидӕг куы фӕбыцӕу уой, уӕд дӕр, израилаг ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг куы быцӕу кӕной, уӕд дӕр.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


Ацы дӕс цыхты та ахӕсс миныхицауӕн. Фен, де ’фсымӕртӕ куыд сты, цы сты, уый ӕмӕ, ӕнӕфыдбылыз кӕй сты, уый нысанӕн сӕ исты ӕрбахӕсс.


Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни?


Иуты йе ’фсады минонтӕ ӕмӕ фӕндзайонты хицӕуттӕй сӕвӕрдзӕн, иннӕтӕ йын кӕндзысты хуым ӕмӕ йын ӕфснайдзысты йӕ тыллӕг, аннӕтӕ та йын араздзысты хотыхтӕ ӕмӕ ифтонг кӕндзысты тохуӕрдӕттӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ