14 Сымах мын дзуапп радтат: „Рӕстытӕ дзурыс“.
Равзарут алы мыггагӕй дӕр зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕ, цӕмӕй уын сӕ ӕз уӕ сӕргъы сӕвӕрон“.
Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.