13 Равзарут алы мыггагӕй дӕр зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕ, цӕмӕй уын сӕ ӕз уӕ сӕргъы сӕвӕрон“.
Гъемӕ фараон бацагурӕд куырыхон, ӕрхъуыдыджын лӕджы ӕмӕ йӕ Мысыры сӕргъы сӕвӕрӕд.
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
Фӕлӕ иунӕгӕй куыд хӕссон уыцы уаргъ ӕмӕ уын уӕ хъӕстытӕ куыд ӕвзарон?
Сымах мын дзуапп радтат: „Рӕстытӕ дзурыс“.