11 Ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, мин хатты фӕфылдӕр кӕнӕд сымах ӕмӕ уын раарфӕ кӕнӕд, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ.
Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».
уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!
Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр —
Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.
Йоав паддзахӕн загъта: «Адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ уый паддзах, мӕ бардарӕг, йӕхи цӕстӕй фенӕд. Фӕлӕ уӕддӕр паддзахы, мӕ бардарӕджы, афтӕ бакӕнын цӕмӕн бафӕндыд?»
Йоав ын загъта: «Дунедарӕгӕн Йӕ адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд. Уыдон се ’ппӕт дӕр, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах, дӕ цагъартӕ не сты, мыййаг? Мӕ паддзах ма цӕй тыххӕй домы ацы хъуыддаг? Азымы цӕмӕн ӕппары Израилы?»
Ӕрхъуыды кӕн, дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилӕн куыд расомы кодтай, уый, — Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, сӕ байзӕддаг сын арвы стъалытау кӕй сбирӕ кӕндзынӕ, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдтай, уый дӕр сын сӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ кӕй ратдзынӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн».
Сбирӕ дӕ кодтон быдыры кӕрдӕгау. Ды байрӕзтӕ, сыстыр дӕ ӕмӕ дӕ хуыз скалдтай. Дӕ риутӕ фӕбӕрӕг сты, дӕ дзыкку ӕрдаргъ, фӕлӕ уыдтӕ мадард бӕгънӕг.
Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».
Афтӕ Мын арӕнт Мӕ ном израилӕгты сӕраппонд, ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ арфӕ ӕруадздзынӕн».
Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, сымах арвы стъалытау ӕнӕнымӕц скодта.
Фӕлӕ иунӕгӕй куыд хӕссон уыцы уаргъ ӕмӕ уын уӕ хъӕстытӕ куыд ӕвзарон?
Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.
Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.
Арвы стъалытау сбирӕ уыдзыстут, фӕлӕ уӕ удӕгасӕй, стӕмтӕй уӕлдай, ничи баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ кастыстут.