Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 9:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Кӕд цагъартӕ стӕм, уӕддӕр нӕ рохуаты нӕ ныууагъта нӕ Хуыцау. Схайджын нӕ кодта Персы паддзӕхты хорзӕхӕй, ӕмӕ нын уыдон фадат радтой не уӕнгтӕ айтынг кӕнынӕн, сӕ арм ныл дардтой Иудей ӕмӕ Йерусалимы, цӕмӕй мах нӕ Хуыцауы хӕлд хӕдзар ногӕй саразӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 9:9
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ, Дунедарӕгӕн Йерусалимы цы хӕдзар ис, уырдӕм барвӕндоны нывӕндтимӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар бындуронӕй ногӕй арӕзт ӕрцӕуа, уый тыххӕй.


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


уыдон Артаксерксы заманӕн йӕ ӕвдӕм азы фӕндзӕм мӕй бахӕццӕ сты Йерусалиммӕ.


Уыдӕтты фӕстӕ ныр цы хъуамӕ зӕгъӕм мах, нӕ Хуыцау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ дын куы ферох кодтам?!


Загътон сын, цы бӕллӕхы бахаудтам, уый уӕхӕдӕг уынут, зӕгъгӕ: Йерусалим гӕныстон фӕци, йӕ кулдуӕрттӕ арты хай баисты. Уӕдӕ бавдӕлӕм, ӕмӕ йын йӕ къул самайӕм, цӕмӕй нырау ӕгад мауал уӕм фидӕны.


Дӕ коммӕ нӕ бакастысты, цы диссӕгтӕ сын сарӕзтай, уыдон сӕ ферох сты. Хивастӕй сӕхицӕн равзӕрстой фӕтӕджы, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхой Мысырмӕ ӕмӕ цагъартӕ суой. Фӕлӕ Ды дӕ барон, фӕлмӕнзӕрдӕ, уарзӕгой, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕрзаудӕнгӕнаг Хуыцау — Ды сыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.


Кӕдӕм у мӕ бон ацӕуын Дӕ Удӕй, Дӕ цӕстӕнгасӕй бамбӕхсӕн кӕм ис?


Дунедарӕг кӕрон куы скӕна уӕ цагъардзинадӕн, куы уӕ фервӕзын кӕна уӕ тас ӕмӕ уӕ хъыгӕй, уе ’фхӕрджытӕн цы уӕззау куыстытӕ кодтат, уыдонӕй,


йӕ мӕрмӕ йын базылд, дзӕбӕх ӕй схӕмпус кодта, йӕ дуртӕ йын ӕруыгъта, ӕвзаргӕ сӕнӕфсиры талатӕ дзы ныссагъта. Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, сӕндуцӕн дӕр скъахта. Хӕрзад гагатӕм ӕнхъӕлмӕ касти, фӕлӕ йӕ сӕнӕфсир хъӕддаг разынди.


Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.


О, сымах ногӕй рацараздзыстут, незамантӕй нырмӕ хӕлддзӕгты бын чи баззад, уыцы сахартӕ.


Фӕлӕ-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: кӕд сӕ ӕндӕр адӕмтӕм фӕсырдтон ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕтыл ныххӕлиу кодтон, уӕддӕр сын Ӕз Мӕхӕдӕг Кувӕндон уыдзынӕн, кӕдӕм фӕцыдысты, уыцы зӕххыты“.


Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.


Бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ уӕ къухы чысыл йеддӕмӕ нӕ бафтыд. Уӕ хӕдзармӕ цы ’рбахастат, уый уын Ӕз дымгӕмӕ ныддардтон. Цӕмӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Мӕ Хӕдзар заууатмӕ кӕй ӕрцыди, сымахӕй та алчидӕр ӕрмӕст йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уымӕн.


Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ