Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 9:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Изӕры нывонд хӕссыны афон мӕ хъынцъымы бынатӕй сыстадтӕн, ӕддагӕй-мидӕггагӕй бызгъуыр чи фестади, мӕ уыцы дарӕсы мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ, мӕ къухтӕ сивӕзтон:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 9:5
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон ӕрлӕууыди Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз, израилӕгты дзыллӕйӕн сӕ разӕй, йӕ къухтӕ арвмӕ сдардта


уӕд-иу Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, искӕмӕн йӕ зӕрдӕ фыдохы азарӕй ныррызти ӕмӕ Дӕм, ацы Кувӕндонмӕ йӕ къухтӕ ныттындзгӕйӕ, скуывта, балӕгъстӕ Дын кодта, зӕгъгӕ —


Соломон Дунедарӕгмӕ куы скуывта, йӕ куывд ӕмӕ йӕ курдиӕттӕ дзырд куы фӕци, йӕ къухтӕ арвмӕ тыгъдӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз йӕ зонгуытыл фӕлӕууыди, афтӕмӕй, уӕд сыстад


Соломон ӕрхуы уӕзӕг сарӕзта, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ кӕрты астӕу сӕвӕрдта. Ныр ӕм схызт, Израилы ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрзоныг кодта, йӕ къухтӕ уӕларвмӕ сивӕзта


Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:


Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.


Мӕ фыдгултыл мын ныффалгӕрон кӕн арвӕрттывдтӕй, лидзӕг сӕ фӕкӕн Дӕ фаттӕй.


Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.


Моисей йын загъта: «Куыддӕр сахары ӕдде фӕуон, афтӕ мӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардзынӕн, ӕмӕ налдӕр арвы нӕрд уыдзӕн, налдӕр — ихуард. Уый, цӕмӕй ды зонай, зӕххӕн йӕ хицау Дунедарӕг кӕй у.


Моисей фараоны галуанӕй рацыд. Сахары ӕдде йӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардта, ӕмӕ банцадысты арвы нӕрд ӕмӕ ихуард, арвӕй ӕртах дӕр нал ӕрхауд.


Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.


Ӕз, Даниил, уыцы рӕстӕг ӕртӕ къуырийы ком дардтон:


Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уый бӕрц дӕрддзӕфӕн иуварс ацыди уыдонӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ скуывта:


Фӕлӕ афон куы ӕрцыд, уӕд мах араст стӕм дарддӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ нӕ фӕдыл фӕссахармӕ рацыдысты. Денджызы былгӕрон ӕрзоныг кодтам ӕмӕ скуывтам.


Уый тыххӕй ӕз мӕ зонгуытыл лӕууын Фыды раз —


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ