Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 9:4
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ ды, ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн цы бакӕнынмӕ хъавын, уый куы фехъуыстай, уӕд Дунедарӕджы раз кӕй ӕрфӕсмон кодтай, дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм кӕй арӕдывтай ӕмӕ Мӕ разы дӕ цӕссыг кӕй калдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ дӕ фӕндӕй, нӕ хистӕр, ӕмӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд кӕмӕн сты, ӕппӕт уыдоны фӕндӕй нӕ уыцы устыты ӕмӕ, кӕй нын ныййардтой, уыцы сывӕллӕтты иууылдӕр нӕхицӕй арвитӕм. Ӕгъдау куыд амоны, афтӕ фӕуӕд!


Иудей ӕмӕ Бениамины цӕрджытӕ иууылдӕр ӕртӕ бонмӕ, фарӕстӕм мӕйы ссӕдзӕм бон, ӕрбамбырд сты Йерусалиммӕ. Адӕм бадтысты Хуыцауы хӕдзары цур фӕзы. Хъуыддагыл катайӕ дӕр адӕргӕй гӕвз-гӕвз кодтой, къӕвдайӕ дӕр рызтысты.


Сӕ иу — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.


Изӕрӕй нывондӕн цы уӕрыкк хӕссай, уыимӕ дӕр ӕмбӕлы ӕрбахӕссын ахӕм хойраджы хуын ӕмӕ сӕн — ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы ’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан».


Ӕз, Даниил, уыцы рӕстӕг ӕртӕ къуырийы ком дардтон:


Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.


Ӕмӕ дын мӕнӕ израилӕгтӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм, Моисей ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, уыдон Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ куыд куыдтой, афтӕ мидианаг сылгоймаджы куы ӕрбакӕнид.


Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ