Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕмӕ ма уыдӕтты фӕстӕ, ау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй халдзыстӕм ӕмӕ уыцы ӕлгъаг адӕмтимӕ хӕстӕгиуӕг кӕндзыстӕм? Ӕмӕ нӕм уӕд бындзагъд ныккӕныны онг не смӕсты уыдзынӕ, аирвӕзӕг дӕр нӕ куыннӕуал уа ӕмӕ нын аирвӕзӕн дӕр куыннӕуал уа, афтӕ?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 9:14
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сыстади Езра, сауджын, ӕмӕ загъта: «Ӕндӕрмыггаг сылгоймӕгты кӕй ракуырдтат, уый уын фыдракӕнд уыди, ӕмӕ афтӕмӕй Израилы азымы баппӕрстат.


Уый та уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр бинонтӕ уыдоны сылгоймӕгтӕй хӕссынц ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕндӕр адӕмтимӕ нӕ сыгъдӕг туг хӕццӕ кӕнынц. Уыцы ӕнӕуаг хъуыддаджы та, дам, ӕппӕты разӕй дзыллӕйы хӕрзӕджытӕ ӕмӕ хистӕртӕ фесты.


Фӕлӕ нын чысыл фӕстӕдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодта, кӕйдӕрты нӕ мӕлӕтӕй бахызта ӕмӕ нӕ Йӕ рухс хӕдзары цур ӕрцӕрын кодта. Нӕ цӕстытӕй нӕ ракӕсын кодта ӕмӕ нын нӕ цагъары уавӕры дӕр иу чысыл нӕхиуыл схӕцыны фадат радта.


Уӕ фыдӕлтӕ дӕр, зӕгъын, раст афтӕ кодтой, ӕмӕ Хуыцау уымӕн сӕвӕрдта Йӕ бӕллӕх махыл дӕр ӕмӕ ацы сахарыл дӕр. Ныр сымах та сабат чъизи кӕнут ӕмӕ уымӕй ноджы тынгдӕр Хуыцауы мӕсты кӕнут уӕхимӕ.


Мадӕр-иу семӕ, мадӕр сӕ хуыцӕуттимӕ саразут фидыд.


Мацы Мӕ бадом! Мӕ маст сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн — дӕуӕй та рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!


Уӕ фыдӕлтӕ, иудейаг паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, стӕй уӕхӕдӕг ӕмӕ уӕ бинойнӕгтӕ Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы уынгты цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдон уӕ ферох сты, мыййаг?


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».


Фӕлӕ ма уӕ иу цасдӕр удӕгасӕй ныууадздзынӕн, ӕмӕ уыдон фервӕздзысты кардӕй, бӕстӕтӕ ӕмӕ адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу уат, уӕд.


«Иуварс ацӕут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ бындзагъд фӕкӕнон!»


«Иуварс алӕуут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ фесафон!» Дыууӕйӕ дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой.


Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ».


Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы!


Бауадз Мӕ, ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон, арвы бын сын сӕ кой фесафон. Дӕуӕй та, уыдонӕй фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи уа, ахӕм адӕмы мыггаг рантысын кӕндзынӕн“.


Хоревы раз дӕр афтӕ смӕсты кодтат Дунедарӕджы, ӕмӕ уӕ хъуамӕ фыр мӕстӕй ныццагътаид.


фӕлӕ сымах дӕр ацы бӕстӕйы цӕрджытимӕ ма бафидаут, ныппырх сын кӕнут сӕ нывондхӕссӕнтӕ». Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Уый цы бакодтат?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ