Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 9:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дӕ фӕдзӕхстытӕ Ды махӕн фехъусын кодтай Дӕ кувӕг пехуымпарты фӕрцы ӕмӕ дзырдтай: „Байсынмӕ цы зӕхмӕ цӕут, уый сыгъдӕг нӕу, сӕ чъизитӕй йӕ фелгъаг кодтой ӕндӕрмыггаг адӕмтӕ, се ’лгъаг митӕй ӕмыдзаг у йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 9:11
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.


Менассиа Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Дунедарӕг израилӕгты разӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.


Нывонд фыдызгъӕлӕй аходыдтой уацарӕй ӕрбаздӕхӕг израилӕгтӕ ӕмӕ, бынӕттон адӕмты чъизитӕй йӕхи аиуварсгӕнгӕйӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи бафӕдзӕхсгӕйӕ семӕ чи бамбал, ӕппӕт уыдон.


Уый фӕстӕ мӕм хистӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ мын загътой, израилӕгтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕндӕр адӕмтимӕ — ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ, аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ, мысырӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтимӕ — ӕмдзӕхтон кӕнынц, се ’гъдӕуттыл сын ныххӕцыдысты, зӕгъгӕ.


Уыдӕтты фӕстӕ ныр цы хъуамӕ зӕгъӕм мах, нӕ Хуыцау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ дын куы ферох кодтам?!


Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ныхӕстӕм куынӕ хъусат, — кӕд сӕм нӕ хъусут, уӕддӕр уӕм Ӕз ӕдзухдӕр кӕй ӕрвитын, уыдонмӕ, —


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн.


Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл.


Уымӕн ӕмӕ ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн ахӕм адӕймаг. Уыдӕтты тыххӕй байсдзӕни Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы зӕхх ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ