10 Уыдӕтты фӕстӕ ныр цы хъуамӕ зӕгъӕм мах, нӕ Хуыцау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ дын куы ферох кодтам?!
Иудӕ афтӕ: «Цы у нӕ бон зӕгъын ме ’лдарӕн? Цы сдзурӕм йӕ ныхмӕ? Цӕмӕй сраст кӕнӕм нӕхи? Хуыцау нын раргом кодта нӕ азым, ӕмӕ дын нырӕй фӕстӕмӕ, ме ’лдар, уыдзыстӕм цагъартӕ — мах дӕр ӕмӕ, синон кӕмӕ разынди, уый дӕр».
Дӕ фӕдзӕхстытӕ Ды махӕн фехъусын кодтай Дӕ кувӕг пехуымпарты фӕрцы ӕмӕ дзырдтай: „Байсынмӕ цы зӕхмӕ цӕут, уый сыгъдӕг нӕу, сӕ чъизитӕй йӕ фелгъаг кодтой ӕндӕрмыггаг адӕмтӕ, се ’лгъаг митӕй ӕмыдзаг у йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ.
Кӕд цагъартӕ стӕм, уӕддӕр нӕ рохуаты нӕ ныууагъта нӕ Хуыцау. Схайджын нӕ кодта Персы паддзӕхты хорзӕхӕй, ӕмӕ нын уыдон фадат радтой не уӕнгтӕ айтынг кӕнынӕн, сӕ арм ныл дардтой Иудей ӕмӕ Йерусалимы, цӕмӕй мах нӕ Хуыцауы хӕлд хӕдзар ногӕй саразӕм.
Се ’ргом Дӕм раздахдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Ды уыдонӕн бирӕ азты фӕбарстай. Фӕдзӕхстай сӕ Дӕ Уды фӕрцы — Дӕ пехуымпарты уылты, фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, ӕмӕ сӕ Ды ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм радтай.
Нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ не ’ххӕст кодтой Де ’Гъдау, нӕ хъуыстой, Ды сын кӕй бафӕдзӕхстай, уыцы фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм.
Фыр адӕргӕй Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыд азарӕй бахызта:
«Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.
О Бардарӕг! Ныр цы хъуамӕ зӕгъон, израилӕгтӕ сӕ фыдгулты разӕй лидзӕг куы фесты, уӕд?