34 Алцыдӕр — барст-нымадӕй. Цыдӕриддӕр сбарстой ӕмӕ банымадтой, уыдонӕн иумӕйагӕй сӕ уӕз уайтӕккӕ ныффыстой.
Уӕдӕ сӕ цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнут, цалынмӕ сӕ сауджынтӕ ӕмӕ левитты хистӕртӕм ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм Йерусалимы, Дунедарӕджы хӕдзары, хӕзнадонмӕ барст-нымадӕй раттат, уӕдмӕ.
цыппӕрӕм бон, ӕвзист дӕр, сыгъзӕрин дӕр, мигӕнӕнтӕ дӕр барст-нымадӕй нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кодтам. Къухӕй-къухмӕ сӕ барст-нымадӕй радтам сауджын Меремотмӕ, Уриайы фыртмӕ, стӕй левиттӕм — Пинхасы фырт Елеазар, Йешуайы фырт Йозавад ӕмӕ Биннуйы фырт Ноадиамӕ.
Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон ӕппӕт израилӕгты номӕй Израилы Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхастой: галтӕ — дыууадӕс, фыстӕ — нӕуӕдз ӕхсӕз, уӕрыччытӕ — авдсӕдӕ авд, тӕригъӕды нывондӕн — дыууадӕс нӕл сӕгъы.