Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 8:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уыйадыл Ахавайы цӕугӕдоны былӕй араст стӕм фыццаг мӕйы дыууадӕсӕм бон ӕмӕ нӕ фӕндаг адардтам Йерусалиммӕ. Нӕ Хуыцау ныл Йӕ арм дардта — Уый-иу нӕ фервӕзын кодта знӕгтӕй, стӕй-иу нӕ размӕ чи бабадти, уыдонӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 8:31
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджыты, паддзахы хъомысджын ӕлдӕртты хорзӕх мын Чи радта! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, аудыдта мӕныл, ӕмӕ уымӕн фӕныфсджын дӕн ӕз ӕмӕ Израилы хистӕрты дӕр уымӕн сразӕнгард кодтон мемӕ цӕуынмӕ.


Фыццаг мӕйы фыццаг бон рараст ис Езра Вавилонӕй ӕмӕ фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон бахӕццӕ Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцау Йӕ арм дардта.


Ахавайы сахармӕ цы цӕугӕдон кӕлы, уый былгӕрон сӕ ӕрӕмбырд кодтон. Ӕртӕ боны уым фӕлӕууыдыстӕм. Адӕм ӕмӕ сауджынты ’хсӕн Левийы байзӕддӕгтӕй куы никӕй федтон,


Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.


Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.


Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, лӕууын ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыдтӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ