Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 8:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Нӕ Хуыцауы хӕдзары номыл нӕм мысайнаджы охыл цыдӕриддӕр ӕрцыдис — ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ — уыдон сӕм барст-нымадӕй радтон: паддзахы, йӕ уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ йе ’лдӕртты, стӕй уымы израилӕгтӕн се ’ппӕты лӕвӕрттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 8:25
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хӕзнадар Митредатӕн сӕ рахӕссын кодта Персы паддзах Кир, ӕмӕ сӕ Митредат номхыгъдмӕ гӕсгӕ Шешбаццармӕ, Иудӕйы фӕтӕгмӕ, радта.


Йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, афтӕ хӕдзар ногӕй саразынӕн радтой ӕхсай иу мин драхмӕйы сыгъзӕрин, фондз мин минӕйы ӕвзист ӕмӕ сӕдӕ фӕлысты та сауджыны дарӕстӕ.


цыппӕрӕм бон, ӕвзист дӕр, сыгъзӕрин дӕр, мигӕнӕнтӕ дӕр барст-нымадӕй нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кодтам. Къухӕй-къухмӕ сӕ барст-нымадӕй радтам сауджын Меремотмӕ, Уриайы фыртмӕ, стӕй левиттӕм — Пинхасы фырт Елеазар, Йешуайы фырт Йозавад ӕмӕ Биннуйы фырт Ноадиамӕ.


дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн — алы тӕбӕгъ дӕр, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн — алы хъалац дӕр; уыцы мигӕнӕнты ӕвзист ӕдӕппӕтӕй, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, ӕрласта дыууӕ мин цыппарсӕдӕ шекелы.


Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ