20 уыдонимӕ — Давид ӕмӕ йӕ ӕлдӕрттӕ левиттӕн лӕггадгӕнӕгӕй кӕй сӕвӕрдтой, Кувӕндоны уыцы кусджытӕй — дыууӕсӕдӕ дыууын, иууылдӕр фыст ӕрцыдысты номхуындӕй.
Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.
Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕ: Цихайы, Хасуфайы, Таббаоты,
Артаксеркс уӕд ӕвдӕм аз паддзахиуӕг кодта. Езраимӕ ма Йерусалиммӕ чидӕртӕ ацыдис Израилы дзыллӕйӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕй,
Арвыстон сӕ Иддомӕ, Касифиайы бӕстыхицаумӕ, цӕмӕй йе ’фсымӕртӕн, Кувӕндоны уымы цӕрӕг кусджытӕн, зӕгъа ӕмӕ нын нӕ Хуыцауы хӕдзарӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕрбарвитой.
Хашавиайы, стӕй Йесаиайы — Мерарийы байзӕддӕгтӕй, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ уыдоны фырттимӕ, ӕдӕппӕтӕй ссӕдзы;
Бакӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕлбар; израилӕгты ’хсӕн уыдон Ааронӕн лӕвӕрд сты.
Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.