Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 8:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Нӕ Хуыцауы хорзӕх нӕ уыди, ӕмӕ нӕм ӕрбакодтой иу ӕмбаргӕ израиладжы — Махлийы байзӕддӕгтӕй, левиттӕй, йӕ ном — Шеревиа, йӕ фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, ӕдӕппӕтӕй ӕстдӕс адӕймаджы;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 8:18
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.


Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Мӕнӕ левитты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтӕм гӕсгӕ.


Елеазарӕй райгуырд Пинхас; Пинхасӕй райгуырд Авишуагъ;


Езекиа левиттӕн се ’ппӕтӕн дӕр арфӕтӕ ракодта, Дунедарӕгӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уыдон къуырийы дӕргъы кусӕртты дзидзайӕ хордтой, фидыды нывӕндтӕ хастой ӕмӕ кад кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.


Паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджыты, паддзахы хъомысджын ӕлдӕртты хорзӕх мын Чи радта! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, аудыдта мӕныл, ӕмӕ уымӕн фӕныфсджын дӕн ӕз ӕмӕ Израилы хистӕрты дӕр уымӕн сразӕнгард кодтон мемӕ цӕуынмӕ.


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


Фыццаг мӕйы фыццаг бон рараст ис Езра Вавилонӕй ӕмӕ фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон бахӕццӕ Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцау Йӕ арм дардта.


уӕд хистӕртӕм — Елиезер, Ариел, Шемайа, Елнатан, Йарив, Елнатан, Натан, Захариа ӕмӕ Мешулламмӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕм — Йоарив ӕмӕ Елнатанмӕ — фӕдзурын кодтон.


Хашавиайы, стӕй Йесаиайы — Мерарийы байзӕддӕгтӕй, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ уыдоны фырттимӕ, ӕдӕппӕтӕй ссӕдзы;


Ӕз мӕ сӕрмӕ уый не ’рхастон, ӕмӕ паддзахӕй ракурон, цӕмӕй нын немӕ, фӕндагыл нӕ фыдгултӕй бахизыны тыххӕй, хъахъхъӕнджытӕ рарвита. Уымӕн ӕмӕ, паддзахимӕ куы дзырдтам, уӕд ын нӕ ныхас уыди: нӕ Хуыцауыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыдоныл Уый Йӕ хӕрзаудӕг арм дары, йӕхи Йыл чи атигъ кӕны, уыдоны та Йӕ азары хай бакӕны.


Сауджынты хистӕртӕй дыууадӕсы равзӕрстон: Шеревиа, Хашавиа ӕмӕ ма уыдонимӕ се ’рвадӕлтӕй ноджы дӕс адӕймаджы.


Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.


Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.


Йешуа, Бани, Шеревиа, Йамин, Аккув, Шабтай, Ходиа, Маасеа, Келита, Азариа, Йозавад, Ханан, Пелаиа, — ацы левиттӕ адӕмӕн ӕмбарын кодтой дин, ӕмӕ сӕм уыдон сӕ бынӕттӕй лӕмбынӕг хъуыстой.


Хӕдзар арӕзт ӕрцӕуы уӕлзонды фӕрцы ӕмӕ сфидар вӕййы раст зондӕй,


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Мӕхи зӕрдӕмӕ чи цӕуа, ахӕм фыййӕутты уын ратдзынӕн, цӕмӕй уӕ уыдон куырыхонӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ хизой.


Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.


Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши, сӕ мыггӕгтимӕ. Уый — Левийы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтимӕ.


Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ