Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 8:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 уӕд хистӕртӕм — Елиезер, Ариел, Шемайа, Елнатан, Йарив, Елнатан, Натан, Захариа ӕмӕ Мешулламмӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕм — Йоарив ӕмӕ Елнатанмӕ — фӕдзурын кодтон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 8:16
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ йын загъта: «Дӕхицӕн Мӕ бирӕ цӕрӕнбон ӕмӕ исбон кӕй нӕ бацагуырдтай, дӕ фыдгулты мӕлӕтмӕ дӕр кӕй нӕ бабӕллыдтӕ, фӕлӕ Мӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ кӕй ракуырдтай, цӕмӕй дӕ бон адӕмӕн тӕрхон кӕнын уа,


Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.


Скӕсӕнӕрдыгӕй кулдуар ӕрхауди Шелемимӕ. Сӕппӕрстой хӕлттӕ уымӕн йӕ фырт, куырыхон уынаффӕйы лӕг, Захариайы тыххӕй дӕр, ӕмӕ уымӕ та ӕрхаудис цӕгатӕрдыгӕй кулдуар.


Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!»


Харимы фырттӕй — Маасеа, Илийа, Шемайа, Йехиел ӕмӕ Узийа;


Адоникамы мыггагӕй сӕ кӕстӕртӕ — Елифелет, Йеиел ӕмӕ Шемайа — ӕмӕ семӕ ӕхсай нӕлгоймаджы;


Ахавайы сахармӕ цы цӕугӕдон кӕлы, уый былгӕрон сӕ ӕрӕмбырд кодтон. Ӕртӕ боны уым фӕлӕууыдыстӕм. Адӕм ӕмӕ сауджынты ’хсӕн Левийы байзӕддӕгтӕй куы никӕй федтон,


Арвыстон сӕ Иддомӕ, Касифиайы бӕстыхицаумӕ, цӕмӕй йе ’фсымӕртӕн, Кувӕндоны уымы цӕрӕг кусджытӕн, зӕгъа ӕмӕ нын нӕ Хуыцауы хӕдзарӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕрбарвитой.


Нӕ Хуыцауы хорзӕх нӕ уыди, ӕмӕ нӕм ӕрбакодтой иу ӕмбаргӕ израиладжы — Махлийы байзӕддӕгтӕй, левиттӕй, йӕ ном — Шеревиа, йӕ фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, ӕдӕппӕтӕй ӕстдӕс адӕймаджы;


Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.


Адӕймаджы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕйы денджызау арф сты, фӕлӕ сӕ зондджын раргом кӕны.


Бӕстӕ змӕст куы уа, уӕд ын хицӕуттӕ бирӕ уыдзӕн, фӕлӕ зондджын ӕмӕ бирӕзонаг хицауимӕ нӕ фӕцуддзӕн.


Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.


Ахъуыды кӕн, ӕз дын цы зӕгъын, ууыл. Бардарӕг дын раттӕд ӕппӕт дӕр ӕмбарыны зонд.


Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ