Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 7:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Дӕ Хуыцауы Ӕгъдау ӕмӕ паддзахы закъон чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут марыны, фӕтӕрыны, ӕхцайы фиддоны кӕнӕ ахӕстоны бакӕныны тӕрхон».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 7:26
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.


Уӕдӕ сыст уӕлӕмӕ, хъуыддаг дӕуӕй аразгӕ у, ӕмӕ мах дӕр дӕумӕ кӕсӕм: цырд фӕлӕуу ӕмӕ февнал!»


Ӕртӕ бонмӕ чи нӕ фӕзына, уымӕн хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕрты фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ исбон ӕнӕхъӕнӕй ист ӕрцӕудзӕн, йӕхиуыл та йын ӕрбалидзджыты ’хсӕн хъоды бакӕндзысты.


Ӕз уын зӕгъын: мӕ бардзырды ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уымӕн йӕ хӕдзарӕй хъайван рафтаудзысты, зӕххы йӕ ныссадздзысты ӕмӕ йӕ уыцы хъайваныл зӕгӕлтӕй ныххойдзысты. Йӕ хӕдзарӕй та йын бырондон скӕндзысты.


Ацы бардзырды ныхмӕ цы паддзах кӕнӕ адӕм рацӕуой ӕмӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзарӕн зиан ракӕнынмӕ йӕ къух кӕмӕн батаса, уыдоны баййафӕд, уыцы хӕдзар Кӕй номыл у, уыцы Хуыцауы фыдӕх. Ӕз, Дарий, дӕттын ацы бардзырд, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕстгонд ӕрцӕуа».


«Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?»


Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!


„Ӕлгъыст фӕуӕд, ацы Ӕгъдау чи нӕ нымайа ӕмӕ йын йӕ алы ныхас дӕр чи не ’ххӕст кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ